филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:37 пятница, 03 мая 2024
21 ноября 2023, 11:14
Андиаты Сосланы номарæн турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæгат Ирыстоны спортсментæ рамбылдтой 13 майданы

Архайдтой дзы бæстæйы алы регионтæй  270 хъæбысæйхæцæджы

Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сосланы номарæн турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæгат Ирыстоны спортсментæ рамбылдтой 13 майданы. Ерыстæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы. Архайдтой дзы бæстæйы алы регионтæй  270 хъæбысæйхæцæджы. Уымæй уæлдай дзы уазджытæ уыди Азербайджанæй, Казахстанæй, Кыргызстанæй æмæ Узбекистанæй. Тох кодтой 5 комплекты хæрзиуджытæ рамбулыныл. Сæйраг приз – машинæ «Лада-Гранта» снысан кодтой, Андиаты Сослан цы уæзы хæцыди, ахæм уæзыл чи тох кодта, уыцы уæлахиздзауæн. Уыцы кады аккаг та сси Джиоты Георгий.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania