04 февраля 2025, 10:43
Андиаты Сосланы номыл хъæбысхæсты академийы уыд Иван Ярыгины кубокы уæлахиздзауты гом тренировкæ
Красноярскы 23-æй 26-æм январьмæ цы турнир цыд, уым сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Найфонты Артур, Сидахъаты Зауырбег æмæ Байаты Давид
Андиаты Сосланы номыл хъæбысхæсты академийы уыд Иван Ярыгины кубокы уæлахиздзауты гом тренировкæ. Красноярскы 23-æй 26-æм январьмæ цы турнир цыд, уым сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Найфонты Артур, Сидахъаты Зауырбег æмæ Байаты Давид. Æвзист майдан райста Багаты Арслан, бронзæ та – Багаты Алан æмæ Таугазты Ирбег. Тренировкæ бабæрæг кодта республикæйы физкультурæ æмæ спорты министр. Хуадонты Артур спортсментæн раарфæ кодта, йæ зæрдæ сын загъта, дарддæр стыр æнтыстдзинæдтæ сæ къухы куыд æфта, уый.




