10 декабря 2021, 12:17
Андиаты Сосланы номыл олимпаг резервы скъола ссис национ спортивон премийы лауреат
Кадджын мадзал ацыдис Мæскуыйы, Ирина Виннер-Усмановайы гимнастикæйы галуаны
Андиаты Сосланы номыл олимпаг резервы скъола ссис национ спортивон премийы лауреат. Кадджын мадзал ацыдис Мæскуыйы, Ирина Виннер-Усмановайы гимнастикæйы галуаны. Национ преми сфидар кодтой 2010-æм азы. Уæрæсейы спорты министрад æмæ спортуарзджытæ равзарынц хуыздæрты иуæндæс номинацийы. Уæлахиздзаутæн ратдзысты лауреатты дипломтæ æмæ премитæ фæйнæ иу милуан сомы. Се хсæн вæййынц спортсментæ, тренертæ, дзыллон-хабархæссæг фæрæзтæ æмæ афтæ дарддæр.
темæмæ гæсгæ