филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:36 суббота, 06 июня 2026
06 июня 2026, 10:01
Апрелы хъарм æмæ майы хуры тæвд Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæ афтæ дæр нæ банкъардтой

Ивгъуыд уалдзæг уыдис къæвдаджынтæн сæ иу

Апрелы хъарм æмæ майы хуры тæвд Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæ афтæ дæр нæ банкъардтой. Ивгъуыд уалдзæг уыдис къæвдаджынтæн сæ иу. Арæх уаргæ кæй кодта, уый ахоссагыл специалисттæ нымайынц, Сау денджызы былæй цы циклон æрбацыд, уый. Ныр боныхъæд аивта – фæтыхджындæр антициклон. Фæлæ синоптикты ныхæстæм гæсгæ, нырма боныхъæдыл æууæндæн нæй. Цæуыннæ? Уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Циростратустæ, альтастратустæ, кумулюстæ –  мигъты хуызты латинаг нæмттæ. Æдзух сæм цæстдарын у Дзæуджыхъæуы метеостанцæйы кусджыты хæс. Специалисттæ кæсынц боныхъæды уавæртæм æртæ сахатæй æртæ сахатмæ.

Третьяковы номыл сæрмагонд кусæнгарзæй пайда кæнынц къæвдаты доны бæрц баргæйæ. Раздæр азты метеостанцæ нырыккон ифтонггæрзтæй цух уыд. Специалисттæ сæ бон куыд уыд, афтæ барстой, къæвда цас рауарыд, уый. Ныр уыцы бæрæггæнæнтæ кусæнгарз йæхæдæг бæлвырд кæны.

Иуæй-иу хатдзæгтæ специалисттæ сæхæдæг скæнынц, иннæттæ та – компьютеры руаджы. Метеостанцæйы куысты фæрцы сбæлвырд вæййынц боныхъæды бæрæггæнæнтæ цыбыр рæстæгмæ,  скæнынц ын йæ ныв, дунейыл аххæсгæйæ дæр.
Дзæуджыхъæуы метеорологон æркасты истори райдыдта 1847-æм азы. Æрдзы фæзындтæ бæлвырдгонд цæуынц ныр 179 азы. Апрелы æмæ майы гелиограф стæм хатт æвдыста хуры тынтæ. Уыцы мæйты-иу республикæйы боныхъæдыл фæбæрæг Сау денджызыбылы æмæ Хъырымы сæрмæ цы циклон фæзынд, уый.  Къæвдатæ æмæ дымгæ 16 метрæй 26 метры онг иу уысммæ  сты уый ахоссаг.

Ныртæккæ боныхъæд аивта, фæтыхджындæр,  Курскы æмæ Цæгат Кавказы сæрмæ цы антициклон сæвзæрд, уый.

Июнь традицимæ гæсгæ нымад у æппæты къæвдаджындæр мæйыл. Уымæ гæсгæ зонтиктæ æфснайыны рæстæг нæма æрцыд – боныхъæд нырма ивдзæн сахатæй сахатмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania