20 января 2023, 12:12
Арæнхъахъхъæнджыты æвзонг хæлæртты отряды архайджытæ Алагиры скъолайæ райстой бузныджы фыстæджытæ
Радтой сын сæ Цæгат Ирыстоны арæнхъахъхъæнæн управленийы кусджытæ
Арæнхъахъхъæнджыты æвзонг хæлæртты отряды архайджытæ Алагиры 4-æм скъолайæ райстой бузныджы фыстæджытæ, æппæтуæрæсеон акци «Салдатмæ фыстæг»-мæ се вæрæн кæй бахастой, уый фæдыл. Радтой сын сæ Цæгат Ирыстоны арæнхъахъхъæнæн управленийы кусджытæ. Сывæллæттæ фронтмæ арвыстой бузныджы æмæ арфæйы ныхæстимæ фыстæджытæ. Бынатмæ сæ бахæццæ кæнын баххуыс кодта арæнхъахъæнæн управлени. Уый бæрны ис отряд. 4-æм скъолайы патриотон куысты ахæм хуыз, ома, арæнхъахъхъæнджыты æвзонг хæлæртты отряд архайы 2-аг аз.