филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:07 воскресенье, 28 апреля 2024
23 сентября 2021, 10:51
Арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды 24-æм сесси

32 депутатæй дзы уыд 20

Арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды 24-æм сесси. 32 депутатæй дзы уыд 20. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Икъаты Русланбег.  Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдары хæдивæг Гутъынаты  Аслан,  Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, стæй алы струтурæты разамонджытæ. Депутаттæ байхъуыстой, афæдзы фыццаг æмбисы бюджет куыд хардзгонд æрцыд, уымæ.  Горæты финансон управленийы разамонæг Цохъты Хъызыбег йæ доклады, лæмбынæг æрдзырдта æппæт фарстатыл дæр. Куыд загъта, афтæмæй фылдæр хæрдзтæ конд æрцыд ахуырады къабазыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ æппæт социалон хæслæвæрдтæ дæр æмбæлгæ уагыл æххæстгонд кæй æрцыдысты. Депутаттæ ма рахæцыдысты Икъаты Русланбеджы курдиаты фарс – ирыстойнаг æмæ уæрæсейаг композитор, пианист æмæ дирижер, Цæгат  Ирыстоны паддзахадон филармонийы аивадон разамонæг æмæ директор  Махъоты Ацамазæн  «Дзуджыхъæуы кадджын гражданины» ном раттыны фарс. Æмбырды рæстæг ма йæ архайджытæ бахастой, Дзæуджыхъæуы администрацийы стуктурæимæ баст  ивддзинæдтæ. Зæгъæм, ам арæзт æрцæудзæн базарад æмæ æлхæдтытæ кæнæн управлени, стæй нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл хайад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania