филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:51 вторник, 21 мая 2024
11 мая 2021, 13:57
Арæзтадмæ йæ фæрæзтæ чи бахаста уыдоны бартæ бахъахъхъæныны ныхас цыд æмбырды

Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло

Арæзтадмæ йæ фæрæзтæ чи бахаста, æмæ сайды бынаты чи баззади, уыдоны бартæ бахъахъхъæныны фарста сси ахсджиагдæр сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Регионы разамонæг куыд загъта, афтæмæй ацы фарстамæ хъæуы бæстон æркæсын. Ныртæккæ уавæр куыд у, уый тыххæй бæлвырд доклад скодта республикæйы цæрæнуæты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Таматы Майрæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ абоны онг фарстайаг объекттæм хаст æрцыд 5 бирæуæладзыгон хæдзары. Сæ цæрæнуаты фæз у 60 мин квадратон метры онг. Уым бафыстой 684 бадзырды. Ныхасы ма архайдтой адæмы бартæ хъахъхъæнæг Фонды минæвæрттæ, стæй конкурсмæ гæсгæ разамонджытæ. Ныртæккæ уал стыр куыст цæуы 4 объекты. 5-æм объектæн та сбæлвырд кодтой конкурсмæ гæсгæ разамонæджы. Сергей Меняйло бабар кодта профилон ведомствотæн цыбыр æмгъуыдмæ актуалон гæххæттытæ сæмбырд кæнын, æмæ сæ адæмы бартæ хъахъхъæнæг Фондмæ бадæттын. Конкурсмæ гæсгæ разамонджытæ та хъуамæ æппынæдзухдæр семæ кæной æнгом æмгуыстад. Уымæй дарддæр субъекты разамонæг бафиппайдта, адæмы фарстатæ хъуамæ лыг кæныныл архайа Дзæуджыхъæуы администраци дæр. Уымæн æмæ объекттæ сты горæты территорийы.
Таматы Майрæн ма радзырдта паддзахадон программæты тыххæй. Кусынц 9 категорийы, æмæ нæ республикæйы куыст цæуы, куыд æмбæлы, афтæ. Æмбырды ма стыр æргом аздæхтой национ программæтæм дæр. Цыбыр æмгъуыдмæ хъæуы 67 объекты арæзтадон-монтажгæнæн куыстыты фæтк сфидар кæнын, загъта Сергей Меняйло.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania