филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:56 пятница, 03 мая 2024
26 марта 2024, 12:12
Архитектурæйы æмæ горæты арæзтады пъланы фарстатыл ныхас цыди, национ музейы цы æмбырд арæзт æрцыди, уым

Йæ саразыныл бакуыста республикæйы Архитекторты Цæдис

Архитектурæйы æмæ горæты арæзтады пъланы фарстатыл ныхас цыди, национ музейы цы æмбырд арæзт æрцыди, уым. Йæ саразыныл бакуыста республикæйы Архитекторты Цæдис. Архайгæ та дзы кодтой хицаудзинады æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Æмбырды уæвджытæ бæстонæй æрдзырдтой, горæты арæзтады архитектортæн цы ахадындзинад ис, ууыл. Сæйраг фарстатæй иу – «Электроцинчы» раздæры заводы территорийæ спайда кæныны гæнæнтыл. Æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй хъыгагæн, арæх стыр объектты арæзтад æнæ специалистты архайдæй ацæуы. Ацы æмæ æндæр фарстатæ лыг кæныны тыххæй рахсатой, республикæйы арæзтады политикæмæ йæ цæст чи дардзæн, ахæм Паддзахадон комитет саразыны хъæппæрис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania