Архайдта дзы 50 спортсмены Цæгат Ирыстонæй, Кæсæг–Балхъарæй, Мæхъæлæй, Дагестанæй, Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Стъараполы крайæ
Архонкæйы уыд Цæгат Ирыстоны чемпионат æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылды мотокроссæй веретанты Кубок рамбулыны ерыстæ. Архайдта дзы 50 спортсмены Цæгат Ирыстонæй, Кæсæг–Балхъарæй, Мæхъæлæй, Дагестанæй, Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Стъараполы крайæ. Сæхи фæлвæрдтой мотоциклты дæс хуызæй. Хуыздæры ном райсыныл тох кодтой, куыд ацы спорты профессионалтæ, афтæ сæ зæрдæмæ хæстæг кæмæн у, ахæмтæ. Уæвгæ республикæйы мотокроссæн ис 5 трассæйы, сæ сæйрагдæр ис Архонкæйы. Ис дзы 12 трамплины. Алкæйы бæрзæнд дæр дзы у æртæ метрæй фондз метры онг. Спортмен йæ мотоциклыл, тагъд уайгæйæ агæпп кæны 40 метры онг. Спортивон мадзалы архайджытæ æвдыстой алыхуызон трюктæ. Уымæй та чемпионат рауад ирдддæр. Эпидимиологон уавæрмæ гæсгæ ацы хатт ерыстæм бакæсынмæ æрбацыд къаддæр адæм. Фæлæ дзы чи уыд, уыдон та банкъардтой ерысгæнджыты спортивон ныфс. Мадзал арæзт æрцыд Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы æппæт домæнтæ хынцгæйæ. Уыимæ, ерысты цыдмæ сæ цæст дардтой Михъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы цауты министрадты минæвæрттæ. Уæлахиздзаутæн радтой кады гæххæттытæ, кубоктæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.