филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:31 суббота, 04 мая 2024
14 июля 2022, 10:52
Ацы аз 40% фæфылдæр профессионалон ахуыргæнæндæттæм бюджетон бынæтты нымæц

Федералон рæзты институты минæвæрттæ æнæхъæн къуыри уыдысты Цæгат Ирыстоны, æмæ бæрæг кодтой профессионалон ахуырады æмвæзад

Ацы аз 40% фæфылдæр профессионалон ахуыргæнæндæттæм бюджетон бынæтты нымæц. Федералон рæзты институты минæвæрттæ æнæхъæн къуыри уыдысты Цæгат Ирыстоны, æмæ бæрæг кодтой профессионалон ахуырады æмвæзад. Нæ республикæйы специалисттæн радтой бæлвырд амынддзинæдтæ. Ныр фæсивæдæй иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæй хъæугæ баллтæ чи нæ райста, уыдонæн фадат уыдзæн астæуккаг ахуыргæнæндæтты дæсныйад райсынæн. Ныхасы бар нæ уацхæссæг Тъехты Элинæйæн.

Цæгат Ирыстоны абитуриенттæ сæхи цæттæ кæнынц астæуккаг ахуырад райсынмæ. Афтæ Тауытты Аслæнбег бацыд Дзæуджыхъæуы электроникæйы колледжмæ. Фæнды йæ программист суæвын.

Тауытты Аслæнбег, абитуриент: «Ахуырмæ ардæм цæуын, уымæн æмæ ацы дæсныйад у, мæнмæ гæсгæ, æппæтæй хуыздæр. Колледж куы фæуон, уæд мæ фæнды уæлдæр ахуырад райсын. Ахуыры фæстæ кусдзынæн Ирыстоны, цæмæй размæ цæуа».

Абитуриенттæ цæмæй астæуккаг ахуыргæнæндæттæм бацæуой, ууыл ахады зындгонд ерысты куыд архайдтой, уый дæр. Салхъазанты Даниил у конкурс Абилимпиксы уæлахиздзау. Йæ цард дизайнимæ сбæттын рагæй сфæнд кодта. Æрыгон лæппу бакуыста горæты æнцонвадат архайды проектыл, стæй архайы, цæмæй регион туристтæн уа зæрдæмæдзæугæ.

Колледжы бюджетон бынæттæ фæфылдæр сты 50% онг. Уымæй уæлдай ма сæм ацы азæй фæзынд ног дæсныйæдтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, техникæйæ дæр ифтонг сты бирæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæй хуыздæр.

Ног студенттæм æнхъæлмæ кæсынц Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы дæр. Ахуыр дзы кæнынц 15 дæсныйадыл. Ам дæр, Дзæуджыхъæуы электроникæйы колледжы хуызæн, бакодтой ног дæсныйæдтæ. Уымæй уæлдай ма туризм æмæ электриктæн бафтыдтой фæйнæ 25 бюджетон бынаты.

Хъалæгаты Давид, абитуриент: «Фæдæн 41 скъола æмæ хъавын бацæуын хæххон-металлургон техникуммæ. Мæ гыццылæй нырмæ æмбырд кæнын конструктортæ, мæ зæрдæмæ цæуы уыцы куыст æмæ мæ фæнды мæ цард дæр уыимæ сбæттын».

Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ ацы аз бюджетон бынæттæ фæфылдæр сты 40%.

Астæуккаг ахуыргæнæндæтты бюджетон бынæттæ фæфылдæр сты 40%. Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæй хъæугæ баллтæ чи нæ райста, уыдонæн фадат уыдзæн астæуккаг ахуыргæнæндæтты дæсныйад райсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania