филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:29 пятница, 17 мая 2024
02 июня 2021, 14:11
Ацы аз фæндæгтæ аразæг комитет фæнд кæны Сындзыхъæу, Елхот æмæ Октябрьскæйы уылты цæуæг фæндæгты цалцæг

Егъаудæр куыстытæ конд цæуынц Мичуриныхъæуыл цæуæг фæндаджы арæзтадыл

Ацы аз Ирыстоны фæндæгтæ аразæг комитет фæнд кæны Сындзыхъæу, Елхот æмæ Октябрьскæйы уылты цæуæг фæндæгты цалцæг. Егъаудæр куыстытæ конд цæуынц Мичуриныхъæуыл цæуæг фæндаджы арæзтадыл. Фæндаггон кусджытæ, зæгъæн ис, æмæ æхсæвæй бонæй сты объекты. Фæндаджы дæргъ у фондз километры æмæ 500 метры. Ныридæгæн дзы арæзт æрцыд 5 аразгæ конструкцийы – 3 трассæйы, фостæрæн фæндаг æмæ цæугæдон Фыййагдоны сæрты хид. Фæндаджы бын фæкодтой дондзæуæн хызтæ. Дарддæр кусынц асфальт æвæрыныл. Архайынц ыл куыстуат «ВладТрансСтрой»-йы специалисттæ. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ сæ цæст дарынц хæдбар лаборатори æмæ республикæйы фæндаггон хæдзарады Комитеты специалисттæ. Мучириныхъæуы дыууæ мин цæрæджы, æнхъæлмæ кæсынц ног фæндагмæ. Уæд транзитон транспортæй суæгъд уыдзæн хъæуы сæйраг уынг, уый фæрцы уæлдæф фæсыгъдæгдæр уыдзæн, къаддæр хъуысдзæн машинæты уынæр, стæй фæндаггон фыдбылызтæ дæр фæкъаддæр уыдзысты

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania