филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:15 понедельник, 06 мая 2024
12 октября 2023, 11:49
Ацы аз педагогы афæдз кæй у, уымæ гæсгæ, ахуыргæнджытæн уæлдай кад кæнынц

Ацы аз педагогы афæдз кæй у, уымæ гæсгæ, ахуыргæнджытæн  уæлдай кад кæнынц. Нæ телерадиокомпани дæр архайы, фæлтæртæ хъомылгæнджыты хабæрттæ æхсæнадмæ хæссыныл. Нæ дарддæры æрмæджы та уын радзурдзыстæм , фæзминаг хистæр, сгуыхт ахуыргæнæг Зæнгионты Гангейы фырт  Георгийы  цардвæндагыл. Йемæ фембæлд Сосранты Жаннæ.

Дур-Дуры кадджындæр цæрæг. Йæ царды фæндзай аст азы  сабиты хъомыландæн чи бæлæвар кодта, уыцы Зæнгионты Гангейы фырт Георгийы царды хабæрттыл афæлгæсгæйæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ  сæ сæйрагдæр кæй у — йæ дæсныйадæн цы рæстæг  радта, уый.

Æмæ, бæгуыдæр, абон дæр йæ уыцы ахуырдзауты æрхъуыдыдзинад Георгийæн дæдты хъару размæ цæуынæн.  Куыд фæзæгъынц – æрхъуыдыдзинадæй зынаргъдæр адæймагæн ницы ис.

Æрмæст Дур-Дуры нæ, фæлæ æппæт Дыгуры районы дæр Зæнгионты Георгийы кадджын ном чи нæ зоны, ахæм зын ссарæн у. Дур-Дуры сæргълæууæг Цагъаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, сын стыр хъару дæдты Георгийы зонд æмæ куырыхондзинад.

Алы ахуыргæнæг дæр фæбæллы йæ ахуырдзауты рæсугъд фидæнмæ. Уыцы Хуыцауы лæварæй фæхайджын сты Георгийы хъомылгæнинæгтæ, æмæ сæ у сæрыстыр

Зæнгионты Георгий фæллойадон пенсимæ рацæугæйæ дæр æнцад бады нæ зоны. Йæ зонындзинæдтæ а дæммæ хæссы чингуыты хуызы. Цыбыр рæстæгмæ  ныффыста  мидисджын æмæ фидæны фæлтæртæн пайдайаг чингуытæ.

Диссаг куыд нæу, зæгъы Хæсты сывæллон Зæнгионты Георгий. Йæ фыд æмæ йæ мад, кæд фыссын æмæ кæсын нæ зыдтой, куыд уæды рæстæджы фылдæр адæм, афтæ, фæлæ уæддæр куыд тынг тырныдтой сæ сывæллæттæн ахуырад радтынмæ.

Уæдæ Георгий, йæ цардæмбал Рæмонты Маряимæ цы рæсугъд æмæ фæрнджын бинонтæ саразтой, уый дæр у бафæзминаг. Схъомыл кодтой рæстуд æмæ адæмуарзон  фондз кæстæры. Сæ алкæцыйы цардвæндаджы кой  дæр дзы адæмы размæ рахæссыны аккаг у. Уыдоны æнтыстдзинæдтæ та Зæнгионты хистæртæн сæ зæрдæтæ рухс кæнынц æмæ сын дæдтынц хъару фæрнджын зондамонджытæ уæвынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania