филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:13 понедельник, 06 мая 2024
21 декабря 2023, 11:23
Ацы аз республикæйы национ проекттæ царды рауадзынæн дихгонд æрцыди 9 миллиарды æмæ 500 милуан сомы

Ууыл ныхас цыди национ проекттæ æххæст кæныны æмбырды, разамынд ын лæвæрдта Сергей Меняйло

Ацы аз республикæйы национ проекттæ царды рауадзынæн дихгонд æрцыди 9 миллиарды æмæ 500 милуан сомы, уыимæ, 7 миллиарды æмæ 5 сæдæ милуаны федералон бюджетæй. Ууыл ныхас цыди национ проекттæ æххæст кæныны æмбырды, разамынд ын лæвæрдта Сергей Меняйло. Дихгонд фæрæзтæй æххæстгонд цæуы бындурон цалцæджы 170 объекты. Ныхас цæуы ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, культурæйы, спорты, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты, экологийы æмæ фæндаггон инфраструктурæйы арæзтад æмæ бындурон цалцæгыл. Сергей Меняйло йе ргом аздæхта куыстыты æмгъуыдмæ. Иууылдæр хъуамæ цæттæ уой, бæлвырдгонд рæстæгмæ. Подрядон организациты бафæдзæхста, сæ размæ вæрд хæстæ æмбæлгæ уагыл куы нæ сæххæст кæной, уæд баййафдзысты æфхæрд. Республикæйы Сæргълæууæг профилон министрадтæн бахæс кодта, куыстыты цыд фæрæвдздæр кæнын, æмæ иуæй-иу къабæзтæм бæрнондæр цæст æрдарын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania