Уый тыххæй, Сергей Меняйлойы разамындæй сæрмагонд æмбырды, фехъусын кодта профилон комитеты разамонæг Солиты Тариэль
Ацы аз республикæйы сараздзысты æмæ базилдзысты автомобилон фæндæгты 62 километрмæ. Уымæй дарддæр сцалцæг кæндзысты, регионты æмæ муниципалон скондты хсæн фæндæгты 56 километры. Уый тыххæй, Сергей Меняйлойы разамындæй сæрмагонд æмбырды, фехъусын кодта профилон комитеты разамонæг Солиты Тариэль. Банывыл кæндзысты уынгты фæндаггон хызы 59 километры. Сараздзысты æмæ рацараздзысты дыууæ хиды. Дзæуджыхъæуы ныртæккæ цалцæггонд цæуынц 43 уаццаджы. Коммуналон хызтимæ зындзинæдтæ сæвзæрдысты Леваневскийы æмæ Абайты Васойы уынгты, фæлæ дзы ныртæккæ куыстытæ цæуынц фæткмæ гæсгæ. Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстон афоныл балæвæрдта курдиæттæ æппæт фыццаградон объекттæн. Регионы разамонæджы федералон æмгуыстады бадзырдты фæрцы Цæгат Ирыстон æххуыс райста федералон центрæй. Афтæ ацы аз фæндаггон инфраструктурæйы рацарæзтæн Уæрæсейы Хицауады резервон фондæй уæлæмхасæн радих кодтой 2 миллиард сомы онг.




