27 августа 2026, 10:31
Ацы аз Цæгат Ирыстоны 525 бинонтæ сæ мадæлон капитал схардз кодтой сæ сывæллæтты ахуырадыл
Ацы къабаз у, цæрæнуæтты уавæр хуыздæр кæныны фæстæ, раззагдæртæй иу
Ацы аз Цæгат Ирыстоны 525 бинонтæ сæ мадæлон капитал схардз кодтой сæ сывæллæтты ахуырадыл. Ацы къабаз у, цæрæнуæтты уавæр хуыздæр кæныны фæстæ, раззагдæртæй иу. Ахуырадон лæггæдтæн республикæйы социалон фонд радих кодта 40 милуан сомы бæрц. Сертификаты фæрæзтæй бафидæн ис сывæллæтты рæвдауæндон, скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр, уæлæмхасæн ахуыртæ, секцитæ æмæ æндæр къордтæ, стæй репетиторты æмæ хъомылгæнджыты лæггæдтæ. Сæйраг домæн — ахуырадон организаци хъуамæ уа Уæрæсейы æмæ йын уа æмбæлгæ лицензи. Мадæлты капитал скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндæттæм саразæн ис сывæллон куы райгуыра, уæд, иннæ лæггæдтæн та сабийыл æртæ азуы куы сæххæст уа, уæд.
темæмæ гæсгæ




