06 апреля 2021, 13:58
Ацы аз Цæгат Ирыстоны федералон фæндæгты 4 уаццаджы бахъахъхъæндзысты ихсыдæй
Уый тыххæй хъусын кæны фæндаггон управлени «Кавказ»
Ацы аз Цæгат Ирыстоны федералон фæндæгты 4 уаццаджы бахъахъхъæндзысты ихсыдæй. Уый тыххæй хъусын кæны фæндаггон управлени «Кавказ». Нæ республикæйы цы куыстытæ бакæндзысты, уыдоны иумæйаг бæрц у 29 километры. Рацарæзт ацæудзæнис Арвыкомы фæндагыл æмæ Транскамы фæндагыл Æрыдонæй Бехъаны астæу. Специалисттæ фæндаг бамбæрздзысты сæрмагонд уæлцъарæй. Уый зынгæ фенцондæр кæндзæн фæндаггон змæлд. Уымæй уæлдай æппæт уаццæгтыл скæндзысты ног хахнывтæ æмæ сæвæрдзысты фæндаггон нысантæ.
темæмæ гæсгæ