филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:04 пятница, 03 мая 2024
08 июля 2022, 11:11
Ацы аз цы 19 скъолайы хъуамæ æрцæуой цалцæггонд, уыдонæй 11 сцæттæ уыдзысты ахуыры азы райдианмæ

Уый тыххæй фехъусын кодта арæзтады æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин подрядон организацитимæ фембæлды рæстæг

Ацы аз цы 19 скъолайы хъуамæ æрцæуой цалцæггонд, уыдонæй 11 сцæттæ уыдзысты ахуыры азы райдианмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта арæзтады æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин подрядон организацитимæ фембæлды рæстæг. Разамынд ын лæвæрдта Сергей Меняйло. Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй абон фыццаградон хæс у куыстытæ тагъд æмæ хæрзхъæдæй сæххæст кæнын. Ахсджиаг у, цæмæй скъоладзаутæн къуылымпыдзинæдтæ ма сæвзæрын кæной. 8 скъолайы сывæллæттæн сæ дуæрттæ байгом кæндзысты 1-æм ноябрæй фæстæм. 25 ахуыргæнæндонæн сæ бындурон цалцæджы контракттæ сты 2 азмæ. Моргуаты Константины ныхæстæм гæсгæ, 3 скъолайы куыстытæ фæуыдзысты ацы азы 1-æм сентябры онг. Уыцы æмгъуыдмæ фæуыдзæн 15 скъолайы цалцæджы фыццаг къæпхæн дæр. Сæргълæууæг бахæс кодта, ахуыртæ 2 фæлтæрæй цы скъолаты цæудзысты, уыдоны ахуырадон процессмæ цæст дарын. Æмбырды ма ныхас цыди, республикæ ахуырады министрады курдиатмæ гæсгæ, федералон бюджетæй 771 милуаны кæй райста, ууыл, уыдонæй 400 милуан сомы бындурон цалцæгæн. Сергей Меняйло бахæс кодта, хæстæгдæр рæстæг алы объектæн дæр уæлæмхасæн фæрæзты тыххæй документтыл бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania