640 лæппу æмæ чызджы та се нæниздзинад фæфидар кæндзысты Кавказы Минералон дæтты территорийы
Ацы азы дзæбæхгæнæн кампанийы фæлгæты 6 мин сывæллонæй фылдæр сæ фæллад суаддзысты лагерьты æмæ санаториты. 640 лæппу æмæ чызджы та се нæниздзинад фæфидар кæндзысты Кавказы Минералон дæтты территорийы. Ууыл ныхас цыди Хицауады æмбырды. Фæллойы æмæ социалон рæзты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй балцæгтæй фыццаг дæтдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн æмæ царды зын уавæрты чи бахауд, ахæм рæзгæ фæлтæрæн. Æмбырды æрдзырдтой республикон комплексон программæ «Арæзтад»-ыл дæр. Абоны онг ацы программæ æххæстгæнгæйæ бюджетон курдиæттæ фæнд кæнынц 250 объектæн бадæттын. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд зæгъы, афтæмæй æппæт мадзæлттæ хъуамæ арæзт æрцæуой бæрзонд æмвæзадыл.




