11 июля 2026, 10:04
Ацы азы фыццаг 6 мæйы хатдзæгтæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны национ проекттæ царды уадзынмæ æрвыст æрцыд 4 миллиарды æмæ 800 милуан сомы
Фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло
Ацы азы фыццаг 6 мæйы хатдзæгтæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны национ проекттæ царды уадзынмæ æрвыст æрцыд 4 миллиарды æмæ 800 милуан сомы. Фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Дарддæр аразынц æмæ цалцæг кæнынц скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ, аив кæнынц рынчындæттæ æмæ поликлиникæтæ, æлхæд цæуынц нырыккон медицинон ифтонггæрзтæ, зилынц фæндæгтæм, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæм, æхсæнадон тыгъдадтæм. Афæдзы кæронмæ ма бирæ цыдæртæ скæнын хъæуы, загъта Сергей Меняйло. Сæйрагдæр у нысангонд куыстытæ сæххæст кæнын афоныл æмæ æнæ къуылымпытæй.
темæмæ гæсгæ




