23 декабря 2021, 11:26
Ацы бонты 100 азы сæххæст Аланийы паддзахадон æмæ æхсæнадон кусæг Дзанайты Георгийы райгуырдыл
Йæ ном нæ бæстæйы хъуыстгонд у куыд агрохимион æмæ биологон иртæстыты разамонæг Цæгат Кавказы регионы
Ацы бонты 100 азы сæххæст Уæрæсейы зындгонд аграрон ахуыргонд, Аланийы паддзахадон æмæ æхсæнадон кусæг, Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайæг Дзанайты Георгийы райгуырдыл. Йæ ном нæ бæстæйы хъуыстгонд у куыд агрохимион æмæ биологон иртæстыты разамонæг Цæгат Кавказы регионы. Дзанайты Георгийы бындурон монографитæ систы нæ регионы агарарон кусджытæн стъолыл даргæ чингуытæй. 91-аздзыдæй сног кодта «Хистæрты Ныхас». Уырдæм хаст æрцыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хистæртæ. Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй Дзанайты Георгий хорзæхгонд æрцыд 18 орденæй æмæ майданæй, стæй алыхуызон кады гæххæттытæй.
темæмæ гæсгæ