филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:38 воскресенье, 19 мая 2024
11 мая 2023, 11:25
Ацы бонты Тулæйы цæуы Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны турнир хъæбысхæстæй

Ирыстойнаг спортсментæ ерыстæм сæхи цæттæ кодтой Æндиаты Сосланы спортивон скъолайы

Ацы бонты Тулæйы цæуы Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны турнир хъæбысхæстæй. Архайынц дзы, 16 азы онг цы спортсментыл цæуы, уыдон. Ирыстойнаг спортсментæ ерыстæм сæхи цæттæ кодтой Æндиаты Сосланы спортивон скъолайы. Нæ фæсивæдимæ тренировкæтæ кодтой республикæ Саха-Якутийы, Ханты – Мансийскы автороном зылды æмæ Санкт – Петербурджы спорстментæ дæр.  Цæттæгæнæн куыстыты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Тренеры амындмæ гæсгæ райдыдта тренировкæ. Хъæбысхæстæй Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсынмæ ерыстæм спортсментæ сæхи цæттæ кодтой  тынг цымыдисæй. Семæ архайдтой хъæбысхæцджытæ Санкт – Петербургæй æмæ Якутийæ. Се хсæн – Жакшылык Асанов дæр. Лæппу уæгъдибар хъæбысхæстмæ æрбацыд 4 азы размæ. Уыцы рæстæгмæ сси республикæ Саха-Якутийы 3 хатты чемпион æмæ дард хурыскæсæны фыццаг бынат бацахсыны финалист.

Дыууæ къуыримæ 60 спортсменæй фылдæр сæхиуыл куыстой Æндиаты Сосланы номыл спортивон скъолайы. Таймазты фсымæрты клубы тренер Биазырты Марик куыд зæгъы, афтæмæй ахæм тренировкæтæ хорз ахадынц æвзонг спортсментыл.

Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны турнир ацæудзæн Тулæйы. Цæгат Ирыстоны кад дзы хъахъхъæндзысты 20 спортсмены. Уыдонæй 10 сты Таймазты фсымæрты хъæбысхæсты клубы хъомылгæнинæгтæ.

Æвзонг спортсментæн фадат ис  æппæтадæмон ерысты архайынæн дæр – зæгъы Биазырты Марик. Уæрæсейы фыццаг бынат чи бацахса, уыдон та бæстæйы кад хъахъхъæндзысты Европæйы чемпионаты. Ерыстæ цæудзысты 14-æм маймæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania