филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:11 вторник, 03 ноября 2026
22 июля 2026, 10:35
Ацы сæрд Цæгат Ирыстоны боныхъæд у æнахуыр

Хъарм бонтæ ивынц къæвдатæй

Ацы сæрд Цæгат Ирыстоны боныхъæд у æнахуыр. Хъарм бонтæ ивынц къæвдатæй. Ацы аз июлæй, æппæты тæвд мæй, зæгъæн нæй. Боныхъæды ахæм уавæртæ синоптиктæ æмбарын кæнынц, куыд циклонты æмæ антициклонты ерыс кæрæдзиимæ. Уыцы уæларвон тохы фæстиуджытæ сæхиуыл æнкъарынц цæрджытæ, аграрон къабазы кусджытæ, стæй коммуналон службæтæ. Боныхъæды тыххæй бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

2026-æм аз Цæгат Ирыстоны синоптикты æнæ куыстæй нæ ныууагъта. Дæргъвæтин уалдзыгон къæвдаты уарын раздæр июны онг ахæццæ, июлы боныхъæды дæр зынгæ ивддзинæдтæ не *рцыд. Афæдзы æппæты тæвддæр мæй, — куыд уынæм, афтæмæй ацы аз у бынтон æндæрхуызон, — æрдзы тæргæйттæ *вдисы къæвдаты уарынæй. Фæлæ специалистты ныхæстæм гæсгæ, уымæл боныхъæды бæрæггæнæнтæ раздæры азты арæхдæр уыдысты.

Фæстаг хатт нæ регионы июль æппæты уазалдæр уыдис 1958-æм азы. Уæд уæлдæфы температурæ æрныллæг 17 градусмæ. 2000-æм азы та афæдзы æвдæм мæй равдыста æппæты бæрзонддæр бæрæггæнæн. Температурæ уыдис 24 градусы. Ацы аз та боныхъæд баст у циклонтæ æмæ антициклонты тыхимæ.

Ахæм фидæн, уæлдайдæр та быдырон районты, сæвзæрын кæны зынгсирвæзтытæ. Фæлæ къæвдаты руаджы ныры онг фыдбылызтæ не *рцыд, зæгъынц специалисттæ. Боныхъæды ахæм уавæртæ республикæйы цæрджытæн се *ппæтæн æхсызгон не сты. Иутæ зæгъынц, æрдзмæ æвзæр боныхъæд нæй, зæгъгæ, иннæтæ та фæллад уадзынæн равзарынц стæм хурбонтæ.

Дохтыртæ боныхъæды ивддзинæдтæй æдас не сты. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдон уайтагъд фæбæрæг вæййынц ацæргæ адæмы æнæниздзинадыл. Кæд июлы туджы бæрзонд æлхъывдадыл бирæ адæм нæ фæхъаст кæнынц, уæд ацы аз афтæ нæу. Стыхджын сты зæрдæйы æмæ иугæндзон низтæ. Уымæ гæсгæ, æнæмæнгæй, æххæст кæнын хъæуы дохтырты фæдзæхстытæ.

Къæвдаджын уалдзæг æмæ сæрд фæбæрæг аргарон къабазы куыстыл. Раздæр садзыны рæстæг фæфæстæдæр, ныр та фæзындысты фæззыгæндтæ æфснайынимæ баст зындзинæдтæ.

Боныхъæд тыллæгыл куыд фæбæрæг уыдзæн, уый сбæлвырд уыдзæн хортæ*фснайыны рæстæг. Фæлæ специалистты хъуыдымæ гæсгæ, къæвдатæ æдзух æвзæрырдæм нæ фæбæрæг вæййынц, уымæлад æппæт культурæтæн æппæрццæг хъуыддаг нæу.

Сæ куыст фæфылдæр коммуналон службæтæн. Уынгты æрвылбон сыгъдæг кæнынц уарыны дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы донæмбырдгæнæнтæ. Фæлæ июнь куыд равдыста, афтæмæй тыхджын къæвдаты рæстæг уыцы куыст бæрæг нал вæййы, уæлдайдæр та, цалдæр сахатмæ мæйы бæрц куы рауары, уæд.

Специалистты ныхæстæм гæсгæ, Дзæуджыхъæуы уынгты уарыны дæтты æмбырдгæнæнтæн ис æмбæлгæ уавæр. æрмæст сыгъдæггонд не сты, фæлæ ма — цалцæггонд дæр. Афæдз æмæ *рдæгмæ уыдонæй сног кодтой 60. Фæстаг цалдæр мæйы боныхъæд æвзары алыхуызон службæты куыстхъомдзинад æмæ цæрджыты æмбарынад. Фæлæ йæ уавæртæ аивын адæмæн сæ бон нæу. Уымæ гæсгæ, хъæуы цæттæ уæвын цавæрфæнды æнæнхъæлæджы цаутæм, зæрдæты та дарын — æмбаргæ ахаст æрдзы фæзындтæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania