филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:13 пятница, 17 мая 2024
06 июля 2022, 11:24
Бадзиты Валерийы номарæн турнир чысыл футболæй Лескенмæ æрбамбырд кодта, ацы спорты хуыз уарзджыты

Ацы хатт дзы бацархайдтой Цæгат Ирыстоны районтæ æмæ Кæсæг-Балхъары минæвæрттæй 6 командæйы

Æмæ та ногæй, Бадзиты Валерийы номарæн турнир чысыл футболæй Лескенмæ æрбамбырд кодта, ацы спорты хуыз уарзджыты. Ацы хатт дзы бацархайдтой Цæгат Ирыстоны районтæ æмæ Кæсæг-Балхъары минæвæрттæй 6 командæйы. Рæстдзæвин хъазтæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд дæр, ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Афтæ фæзæгъынц, адæймаг цæры, цалынмæ йæ хъуыды кæной фæлтæртæ, уæдмæ. Афтæ Лескены цæрджытæ азты дæргъы хæссынц сæ кадджын  æмхъæуккаг Бадзиты  Валериийы рухс ном æхсæнадмæ. Æрвылаз ын йæ номыл саразынц чысыл футболæй турнр. Мадзал байгом кæныны кадджын æмбырды Лескены администрацийы сæрдар Текъаты Артур, æппæт æрбацæуджытæм дæр фæхæццæ кодта сарæзт хъуыддаджы ахадындзинад, стæй Бадзиты Валерийы цардвæндаджы хабæрттæ.  Валери йæ цардæй ахицæн æнæнхъæлæджы.

Турниры архайджытæ иуы хуызæн мысынц Бадзийы фырты зæрдæхæлардзинад æмæ адæмуарзондзинад. Йæ цардæй ахицæн 37 азæй, фæлæ йын уыцы рæстæгмæ цы хъуыддæгтæ бантыст саразын, уыдонæй ссардта фæндаг адæмы зæрдæтæм.

Турниры бацархайдта Цæгат Ирыстоны горæтты æмæ хъæуты футболон командæтæ. Уыимæ дзы бафæндыд бацархайын Кæсæг –Балхъары футболистты. Кæд футболон фæз нырыккондæртæй нæу, уæддæр дзы хъазт цыд æппæт уагæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ.

Турнир саразджытæ бацархайдтой, мадзалмæ æрбацæуджытæн æппæт уавæртæ саразыныл. Ахæм мадзæлтты фæрцы та ма фæсивæд фылдæр æмхиц кæнынц спортмæ, стæй се хсæн сæвзæрынц æнгомдæр ахастдзинæдтæ, зæгъынц йæ саразджытæ.

Турниры хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг бынаты аккаг хъазт ракодта Цыколайы командæ, дыккæгтæ систы Кæсæг-Балхъары футболисттæ, Сырх-Дыгуры минæвæрттæм та æрхауд æртыккаг бынаты кубок.

Хорзæхджынгонд ма æрцыдысты хуыздæр дуаргæс, размæбырсæг, хъахъахъхъæнæг, стæй æрдæгхъахъхъæнæг. Æппæт уæлахиздзаутæ дæр хорзæхджынгонд æрцыдысты æхцайы премитæй, кубоктæй æмæ кады гæххæттытæй.

Афтæмæй та ахицæн Ирыстоны кадджын хъæбул,Бадзиты Валерийы номарæн турнир. Зæгъын æмбæлы – цы зæрдæхæлар, рæдау адæмы фæрцы арæзт æрцыд, уыдон та кæй бахастой æвæрæн канд Валерийы ном хъуыды кæнынадмæ нæ, фæлæ фæсивæды спортмæ разæнгард кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania