филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:36 вторник, 03 ноября 2026
29 апреля 2025, 11:20
Бæлтайы скъолайы арæзт æрцыд грекъаг-римаг хъæбысхæстæй турнир

Баст уыд Стыр Уæлахизы 80 азы бонимæ

Бæлтайы скъолайы арæзт æрцыд грекъаг-римаг хъæбысхæстæй турнир. Баст уыд Стыр Уæлахизы 80 азы бонимæ. Сæ тыхтæ дзы бафæлвæрдтой, спорты ацы хуызы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдон. Уæлахиздзаутæн радтой кубоктæ мæ майдантæ. Турниры тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Бæлтайы скъолайы ахуырдзаутæ кæй азарыдысты, уыцы зарæг арф бахъардта алкæйы зæрдæмæ дæр. Адæм, сæ цæссыгтæ нæ уромгæйæ, зарыдысты скъоладзаутимæ иумæ.

Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн бынæттон скъолайы арæзт æрцыд грекъаг-римаг хъæбысхæстæй турнир. Плакатты фенæн ис хъæуæй рацæугæ фронтовикты цæсгæмттæ. Уыдоны фæрцы ныртæккæ хъæуæн ис абоны цард æмæ фидæн.

Турнир байгом кæнынмæ кадджын мадзал бацæттæ кодтой Бæлтайы скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Æрбахуыдтой йæм кадджын уазджыты дæр. Спортивон ерыс саразыныл бакуыста Дзæуджыхъæуы Терчыфалейы районы прокуратурæ.

Турниры рæстæг ахуырдзаутæн радзырдтой, хъæуæй рацæугæ хæстонтæ цы стыр хъæбатырдзинад равдыстой, уый тыххæй. Зæгъæм, Ефим Мирошников Уæлахизы тыххæй фехъуыста Берлины уæвгæйæ.

Турниры архайдтой грекъаг-римаг хъæбысхæсты фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, ахæм спортсментæ. Уыдонæн уый уыд, зæгъæн ис, æмæ сæ фыццаг рацыд гауызмæ. Фæлæ фæстаг кæй нæ уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу. Ерыстæ Бæлтайы хуымæтæджы арæзт не рцыдысты.

Турниры уæлахиздзаутæ райстой кубоктæ æмæ майдантæ, стæй ма Терчыфалейы районы прокуратурæйы номæй хæрзиуджытæ. Уæвгæ, цыфæнды хæтдзаг дæр ахсджиаг у. Уымæн æмæ сæйрагдæр у уый, æмæ ацы лæппутæй алчидæр фæхæстæгдæр стыр спортмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania