филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:44 суббота, 18 мая 2024
29 июня 2022, 12:21
Бæстæйы тыхджындæр армрестлертæ æрæмбырд сты Дзæуджыхъæуы

Спорты галуан «Манеж»-ы ацыд 5-æм æппæтуæрæсеон турнир армрестлингæй

Бæстæйы тыхджындæр армрестлертæ æрæмбырд сты Дзæуджыхъæуы. Спорты галуан «Манеж»-ы ацыд 5-æм æппæтуæрæсеон турнир армрестлингæй. Сардтой дзы Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Аслæнбеджы рухс ном. Ерыстæм æрбахуыдтой 25 регионæй 300 спортсмены. Турниры фыццаг хатт архайдтой, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсментæ дæр. Цæгат Ирыстонæй дзы сæ тыхтæ бафæлвæрдтой 150 адæймаджы. Спортсментæн уый хорз фадат у, сæхи бафæлварынæн, санкциты аххосæй сын дунеон ерысты архайыны гæнæн кæй нæй, уымæ гæсгæ. Ерысты архайдтой юниортæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania