филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:34 вторник, 21 мая 2024
17 декабря 2020, 12:16
Бархионтæн æххуысы ресурсон центры специалисттæ сæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ радзырдтой нæ республикæйы волонтертæн

Афтæмæй 30 бархионæй фылдæр райстой фыццаг æххуыс бакæныны тыххæй зонындзинæдтæ

Бархионтæн æххуысы ресурсон центры специалисттæ сæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ радзырдтой нæ республикæйы волонтертæн. Афтæмæй 30 бархионæй фылдæр райстой фыццаг æххуыс бакæныны тыххæй зонындзинæдтæ. Бæлвырддæр та – æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг куыд архайын хъæуы, стæй сæрмагонд уæлæдарæс æмæ кусæнгæрзтæй куыд пайда кæнын хъæуы, уый тыххæй. Уыцы зонындзинæдтæ тынг хъæугæ сты техногенон æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæнгæйæ, стæй агурæн-ирвæзынгæнæн операциты рæстæг. Æппæт инструктортæ дæр сты фæлтæрдджын ирвæзынгæнджытæ. Курсыты размæ ацыдысты аттестаци. Бирæтæ сы ныридæгæн дæр сæ зонындзинæдтæ æвдыстой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджытимæ иумæ архайгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania