филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:15 суббота, 18 мая 2024
10 июня 2021, 13:54
Бехъаны цад ныссыгъдæг кæныны куыст цæуы дарддæр

Объект бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бокоты Эльбрус

Бехъаны цад ныссыгъдæг кæныны куыст цæуы дарддæр. Объект бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бокоты Эльбрус. Цалынмæ сыгъдæггæнæн куыст цæуы, уæдмæ дзы систой 300 кубометры хауæддзæгтæ. Се хсæн – лакъон, хъæды пырхæнтæ æмæ алыхуызон бырæттæ. Сыгъдæггæнæн куыстытæ къуылымпы кæнынц, бирæ донхал дзы кæй æмбырд кæны, уый. Æрдз хъахъхъæныны разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй уый хъуамæ æфснайæн куысты мгъуыдыл ма фæбæрæг уа. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Бехъаны цады сыгъдæггæнæн куыст арæзт цæуы, федералон проект «Сохранение уникальных водных объектов» æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania