филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:32 понедельник, 06 мая 2024
09 февраля 2024, 11:35
Бехъаны цадмæ зымæг арвитынмæ æртахтысты мингай хъæддаг маргъы

Фенæн дзы доны хъазты, алы хуызты бабызты æмæ афтæ дарддæр

Бехъаны цадмæ зымæг арвитынмæ æртахтысты мингай хъæддаг маргъы. Фенæн дзы доны хъазты, алы хуызты бабызты æмæ афтæ дарддæр. Ацы аз ма Бехъаны цад равзæрстой дыууæ кæсагласы дæр. Уæвæг цад йæхи фсады доны гуырæнтæй, æмæ æххæстæй никуы ныссæлы. Уæлдæфы температурæ 18 граудсы уазал куы вæййы, уæддæр. Уымæй дарддæр бынат хъæздыг у зайæгойтæй, æмæ мæргътæн сæ бон хæринаг ссарын алкæддæр вæййы. Зæгъæн ис, æмæ экологон æгъдауæй иттæг сыгъдæг бынат. Ахсджиаг у уый дæр, æмæ Бехъаны цуан кæнæн нæй. У фæдзæхст бынат. Мæргъты фылдæр хай æрбатæхы Хъаспийæ. Уазæлттæ æмæ дзы денджызы карз уад куы райдайынц, уæд. Цæгат Ирыстоны уæлдæф сæ суазæг кæны, æмæ ма сын суанг бынæттон цæрджытæ дæр хæринаг ныууадзынц. Хæдзарады кусджытæ рагагъоммæ бацæттæ кæнынц хор. Æрдзы фæткмæ гæсгæ, мартъийы кæрон мæргътæ атæхдзысты, кæм сбирæ вæййынц, уыцы бынæттæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania