10 февраля 2022, 10:04
Бекмæрзты Янæ æмæ Анастасия Назарова систы дунейы кубокы уæлахиздзаутæ фехтованийæ командон ерысты
Мадзал арæзт æрцыд Киевы
Бекмæрзты Янæ æмæ Анастасия Назарова систы дунейы кубокы уæлахиздзаутæ фехтованийæ командон ерысты. Мадзал арæзт æрцыд Киевы. Цæгат Ирыстоны физкультурæйы æмæ спорты министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Уæрæсейы командæ равдыста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Турниры архайдтой аст командæйы. Финалмæ рацæуыны тыххæй не мзæххонтæ фæуæлахиз сты Эстони æмæ Араббаг Эмиратты командæтыл.
темæмæ гæсгæ