филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:32 пятница, 03 мая 2024
22 сентября 2022, 10:13
Бекъойты Янæ – æппæтуæрæсеон конкурс «Мадæлон æвзаджы хуыздæр ахуыргæнæджы» уæлахиздзау

Чызг куыд зæгъы, афтæмæй скъоладзаутæн ирон æвзаг бауарзын кæнын йæхицæн хæссы стыр удæнцойдзинад

Ацы æрмæджы та уæ базонгæ кæндзыстæм æппæтуæрæсеон конкурс «Мадæлон æвзаджы хуыздæр ахуыргæнæджы» уæлахиздзау Бекъойты Янæимæ. Чызг куыд зæгъы, афтæмæй скъоладзаутæн ирон æвзаг бауарзын кæнын йæхицæн хæссы стыр удæнцойдзинад. Ахуыргæнæг суæвын хуымæтæджы не сфæнд кодта, алы сывæллоны зæрдæмæ дæр ссардта фæндаг. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы уæлахиз у æнæхъæн командæйы удуæлдай куыст. Йе нкъарæнтæ раргом кодта Сосранты Жаннæйæн дæр.

Фыццаг Æппæтуæрæсеон конкурс «Мадæлон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг 2022» -йы  Бекъойты Янæ  сси уæлахиздзау. Мадзал арæзт æрцыди Пятигорскы.  Янæйыл хуыздæры ном æрхауд 68 архайæджы хсæн. Æвзарæн фондз къæпхæнæй, алкæцыйы дæр радыста иттæг хорз зонындзинæдтæ.  Конкурсы Цæгат Ирыстоны минæварæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты республикæйы сæргълæууæг  Сергей Меняйло, стæй ахуырад æмæ накæйы министр  Алыбекты Эллæ.

Профессионалон ерысты уæлахизы фæстæ Янæ дарддæр бавнæлдта йæ куыстмæ. Фыццаг кусгæ боны йæн æнхъæлма кастысты йæ ахуырдзаутæ.

Бекъойты Янæ æххæст у æцæг ахуыргæнæджы æппæт æууæлтæй. Цы скъолайы кусы, уый директор Цæрæзонты Мæдинæйы ныхæстæм гæсгæ ахуыргæнæджы зонындзинæдтæ фылдæр кæнынц скъоладзауты рæзтимæ.

Уæвгæ, Янæйы ныхæстæм гæсгæ,сывæллæттæм, мадæлон æвзагмæ уарзондзинад ын дæдтынц хъару, стæй йæм гуырын кæнынц цыдæр æнæкæрон тырнындзинад  йæ дæсныйады фылдæр базонынмæ. Уæдæ цы къласæн разамынд дæдты, уый ахырдзаутæй  та алкæйы зæрдæмæ дæр ссардта йæхи дæгъæл. Уарзынц йæ æмæ йын фенхъæлмæ кæсынц йæ алы урокмæ.

Янæйы уæлахизы фæрцы, ныр иннæ аз конкурсы комкоммæ къæпхæнтæ арæзт æрцæудзысты Дзæуджыхъæуы. Куыд дарддæр , афтæ фылдæр. Хуыздæры статус бахъахъхъæныны нысаниуæг ыл æвæры фылдæр хæстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania