филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:06 среда, 30 сентября 2026
29 сентября 2026, 10:35
Беслæны 1-æм скъолайы байгом кодтой мемориалон фæйнæг паддзахадон архайæг Юрий Лужковæн

Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 90 азы

Беслæны 1-æм скъолайы байгом кодтой мемориалон фæйнæг паддзахадон архайæг Юрий Лужковæн. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 90 азы. Мæскуыйæн разамынд лæвæрдта 20 азы бæрц. 2004-æм азы трагедийы фæстæ бæстæйы сæйраг сахар фыццæгты хыгъды æрбацыд Беслæнмæ æххуысимæ. Мæскуыйы хицауады хъæппæрисæй горæты сарæзтой 2 ног скъолайы. Байгом сæ кодтой 2005-æм азы августы. Беслæнæн æххуыс сси, абон дæр кæй мысынц, Юрий Лужковы архайды уыцы сыфтæй иу. Кадджын мадзалы уыдысты Юрий Лужковы фонды разамонæг Геннадий Теребков, Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Реутов, республикæйы культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонты Маринæ. Архайдтой ма дзы Беслæны скъоладзаутæ, педагогтæ æмæ цæрджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania