Специалисттæ йын сног кодтой йæ бындур, баивтой инженерон системæтæ æмæ бахъахъхъæдтой раздæры элементтæ
Бындурон рацарæзты фæстæ, Дзæуджыхъæуы историон фонтан «Цапля» ногæй здахынц горæты тыгъдадмæ. Специалисттæ йын сног кодтой йæ бындур, баивтой инженерон системæтæ æмæ бахъахъхъæдтой раздæры элементтæ. Уыдон дзурæг сты конструкцийы рагондзинадыл. Горæты цæрджытæ ноггонд фонтан кæд фендзысты, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Кæддæр фонтаны сæрыл кæсагласы бæсты æвæрд уыдис лотосы дидинæг. Баивтой йæ 70-æм азты, фæстæдæр та фонтан хаст æрцыд культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектты хыгъдмæ. Ныр ын специалисттæ фæлварынц йæ историон хуыз сног кæныныл – горæты цæрджытæн зындгонд кæсаглас хъахъхъæд æрцæудзæн.
10-гай азтæм фонтаны къус баихсыд: æфсæйнаг аскъуыдтæ. Ныр æй сног кодтой, йæ мидæггаг техникон уæладзыг дæр цæттæ у. Сæвæрдтой дзы донцъирæн станцæ æмæ сыгъдæггæнæн системæ.
Изæрыгон фонтан рухсгонд цæудзæн хъарм урс цырæгътæй. Æндæр ахорæнты хуызтæ нæ равзæрстой, цæмæй йæ классикон уынд ивд ма *рцæуа, уый тыххæй. Къусыл та бæрæг дарынц рæстæджы тæлмытæ – æмæ уый дæр афтæ конд хуымæтæджы нæу.
Ныртæккæ æвæрынц конструкцийы астæуккаг хай, фæвæййы декоративон элементтыл куыст. Специалисттæ арæхстгай архайынц фонтан афтæ рацаразын, цæмæй йæ историон уынд æмæ хæйттæ хъахъхъæд æрцæуой. Æппæт куыстытæ фæнд кæнынц октябры кæронмæ фæуын. Æмæ та уæд фонтан ногæй суыдзæн парчы цымыдисаг хай.




