Уыимæ теорийы нæ, фæлæ практикæйыл
Беслæны 3-æгæм скъолайы ахуырдзаутæ сæхи фæлварынц аграрон куысты. Уыимæ теорийы нæ, фæлæ практикæйыл. Сæхæдæг æрзайын кæнынц халсартæ, æмæ ахуыр кæнынц фидæны тыллæгимæ кусыныл. Лæппутæ æмæ чызджытæ ма профилон специалисттимæ архайынц зонадон проектты дæр. Уый сын æххуыс кæны фидæны дæсныйад равзарынæн æмæ агропромышленнон комплексы нырыккон гæнæнтæ базонынæн. Ног ахуыры азы агрокъласæн фæуæрæхдæр уыдзæн йæ программæ. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Æппæты разæй — сбарын. Уый фæстæ — аргъ скæнын æмæ *ртонын. Афтæ 9-æм къласонтæ æмбырд кæнынц тыллæг. Йæ цæст сæм лæмбынæг дары Цъæритты Джулия. Уымæн аграрон кълас у æнахуыр уæлæмхасæн куыст. Ахуыр кæны фæсарæйнаг æвзæгтæ, цæуы кафджытæм, ныр та йæ хæдзары зайын кæны халсартæ.
Томайты Ацæмæз хъæууонхæдзарадон куыст кæны 3-аг аз. Уыцы рæстæгмæ фæлвæрдта алыхуызон культурæтæ садзын. Ныр, скъолайы ахуыргæнгæйæ, йæ зæрдæйы цы цымыдисдзинад сæвзæрд, уый, гæнæн ис, æмæ фидæны суа йæ профессионалон дæсныйад.
Дыууæ азмæ Беслæны зæронддæр скъолайы аграрон кълас фæуæрæхдæр хуымæтæг ахуырты арæнтæй. Мартъийы бафыста бадзырд Хæххон паддзахадон аграрон университетимæ æмæ Культурæты хуызты паддзахадон къамисы филиалимæ. Ахуырдзаутæ культурæтæ ныссадзынц, зилынц сæм. Сæрды дæр сын каникултæ нæ вæййы. Хъармуатмæ æрбацæуынц радыгай. Æмбарынц æй, абон куыд базилай зайæгойтæм, ахæм тыллæг дын ратдзысты фидæны. Хъармуат дæр скъоладзаутæ сарæзтой ахуыргæнджытимæ иумæ. Ныр дзы зайынц джитритæ, пъамидортæ, цывзытæ, æрыскъæф æмæ дидинджытæ. Тыллæгæй сывæллæттæ фæхай кæндзысты иннæ скъоладзаутæн. Картоф та фæнд кæнынц ахуыргæнæдоны хæрæндонæн раттын.
Ног ахуыры азæй аграрон кълас суыдзæн аргарон технологон. Фæзындзæн дзы сæрмагонд ифтонггæрзтæ. Уыдоны руаджы фæуæрæхдæр уыдзысты практикон ахуыртæ, райдайдзысты ахуыр кæнын æрмæст зайæгойтимæ баст къабæзтæ нæ, фæлæ хъæууон хæдзарады иннæтæ дæр. Скъола архайы федералон проект «Кадры в АПК»-йы.
Аграрон къласы алы ахуыргæнинаг дæр афæдзы кæрон бацæттæ кæндзæн проект. Сентябры сæм баиу уыдзысты ныртæккæйы 7-æм къласонтæ. Æмæ та райдайдзысты культурæты мыггæгтæй. Уыдонæй алкæцыдæр æрмæст тыллæг нæ ратдзæн, фæлæ суыдзæн фидæны дæсныйадмæ фæндаджы райдиан.




