филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:49 вторник, 14 мая 2024
11 апреля 2024, 11:41
Беслæны 6-æм скъолайы арæзт æрцыд ахæм сæргондимæ мадзал

Йæ нысан уыд  æгъдæуттæ æмæ традицитæ хъахъхъæнын

«Дæ мæсыг самай!». Беслæны 6-æм скъолайы арæзт æрцыд ахæм сæргондимæ мадзал. Йæ нысан уыд  æгъдæуттæ æмæ традицитæ хъахъхъæнын. Сæрмагондæй ныхас цыд Мамсыраты Таймуразы чиныгыл. Фыст у Нарты кадджыты бындурыл. Автор дзы йе ргом здахы адæймаджы хъомылады фарстатæм. Хистæркъласонтæ ахуыргæнджытимæ ныхас кодтой бинонты, æгъдæутты æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгты тыххæй. Куыд загътой, афтæмæй чиныджы мæсыг у мыггаджы тыхы, зæрдæхæлардзинады æмæ уды фидардзинады нысан.  Мадзалы ма æвдыст æрцыдысты, алы кълæсты ахуырдзаутæ ацы темæмæ гæсгæ цы дзауматæ скодтой, уыдон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania