08 августа 2026, 10:10
Беслæны арæзт æрцыд шахмæттæй турнир, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ æфсæддонты-интернационалистты хсæн
Йæ саразыныл бакуыста Рахизфарсы районы социалон лæггæдтæ исыны косплексон центр
Беслæны арæзт æрцыд шахмæттæй турнир, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ æфсæддонты-интернационалистты хсæн. Йæ саразыныл бакуыста Рахизфарсы районы социалон лæггæдтæ исыны косплексон центр. Æдæппæтæй æмбаладон фембæлды архайдтой 10 адæймаджы. Хатдзæгтæм гæсгæ, алчидæр райста диплом. Уæлахиздзаутæн æмæ призертæн бацæттæ кодтой кубоктæ. Спортивон мадзал саразджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй нысан кæнынц ахæм турниртæ рæстæгæй-рæстæгмæ аразын.
темæмæ гæсгæ




