филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:48 пятница, 19 июня 2026
22 октября 2024, 10:36
Беслæны арæзт æрцыд зындгонд тренер Цæллагкаты Вячеславы номарæн турнир панкратионæй

Лæппутæ ерыс кодтой 12 уæзы категорийы

Алы кары 312 адæмаджы 27 алыхуызон клубæй. Беслæны арæзт æрцыд зындгонд тренер Цæллагкаты Вячеславы номарæн турнир панкратионæй. Лæппутæ ерыс кодтой 12 уæзы категорийы. Спорты ацы хуыз æнцон нæу, фæлæ цымыдисаг. Хаст æм æрцыдысты алыхуызон æфсæддон техникæтæ. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

6 азæй – 18 азы онг архайджытæ. Се ппæт дæр æвдисынц се спортивон цæттæдзинад. Алчидæр архайы йæ командæйæн уæлахиз æрхæссыныл. Спорты ацы хуыз æнцон схонæн нæй, фæлæ уыимæ у цымыдисаг. Панкратионмæ хаст æрцыдысты цалдæр техникæйы: каратэ, бокс, грепплинг æмæ уæгъдибар хъæбысхæст. Нымад у рагондæр спорты хуызтæй иуыл. Фæлæ йæм се ргом бирæтæ здахынц. Æвзонг спортсментæм ахæм дæсныдзинад нæма ис, фæлæ уæддæр тырнынц уæлахизмæ.

Турнир баст уыд тренер Цæллагкаты Вячеславы номимæ. Уый уыд спортæн æгæрон лæггадгæнæг. Спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс уыди йæ дыккаг хæдзар. Ам куыста рæзгæ фæлтæримæ. Ныр та уыдон йæ номæй архайынц спорты бæрзæндтæм схизыныл.

Сывæллæтты æмæ фæсивæдон турниры архайдтой 312 адæймаджы алы кары категориты. Ерыс кодтой 12 уæзы. Уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцыдысты зынаргъ призтæ æмæ лæвæрттæ. Турниры тыххæй йе нкъарæнтæ загъта клуб «Беслæн Домбай»-ы тренер.

Ацы турнир у традицион. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта Цæллагкаты Вячеславы фырт Сæрмæт. Йæ фыд уыд йæхи тренер дæр. Домаг, куыд иннæ спортсментæй, афтæ. Ныр Сæрмæт бирæ хæттыты сси алыхуызон ерысты уæлахиздзау, стæй ма у æппæтадæмон къласы спорты мастер дæр.

Ерыстæ цыдысты алы кары æмæ уæзы категориты. Архайджытæ райстой стыр фæлтæрддзинад. Уый сæ æнæмæнг бахъæудзæн дарддæры къæпхæны дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania