филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:34 среда, 24 апреля 2024
24 мая 2023, 11:38
Беслæны доны æмæ дондзæуæнты системæты рацарæзт цæуы æмгъуыдæй раздæр

Куыстытæ фæуыдзысты 2024-æм азы кæронмæ

Беслæны доны æмæ дондзæуæнты системæты рацарæзт цæуы æмгъуыдæй раздæр. Куыстытæ фæуыдзысты 2024-æм азы кæронмæ. Уый фæрцы хæрзхъæд коммуникацитæй баххæст кæндзысты 37 мин адæймагæй фылдæр — хъусын кæны Уæрæсейы арæзтады министрад. Рацарæзты фæрцы Беслæны сараздзысты доныхызты сæдæ километры. Чи базæронд, уыцы хæтæлты бæсты сæвæрдзысты нырыккон æрмæджытæй арæзт ифтонгарз. Проектмæ гæсгæ, сараздзысты зынгхуыссынгæнæн фæрæзтæ дæр. Бæстон рацарæзтмæ æнхъæлмæ кæсы горæты чъизидæтты цæуыны системæ. Баивдзысты хæтæлты æвдай фараст километры, кæцытæ сæвæрдзысты горæты донсыгъдæггæнæн фæрæзты онг.  Уымæй уæлдай сараздзысты хицæн системæ къæвдадæттæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania