Æхца хардзгонд æрцæудзысты горæты æртæ уынджы цалцæгыл, базилдзысты дзы Ленины, Кооперативныйы æмæ Широкийы уынгтæм
Уæрæсейы хицауады сæрмагонд сайты куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Беслæны фæндæгты рацарæзтæн федералон центрæй дихгонд æрцæудзæн 75 милуан сомы. Æхца хардзгонд æрцæудзысты горæты æртæ уынджы цалцæгыл, базилдзысты дзы Ленины, Кооперативныйы æмæ Широкийы уынгтæм. Баивдзысты дзы фæндæгты уæлцъар, фæуæрæхдæр кæндзысты тротуартæ, сног кæндзысты бордюртæ æмæ фæндаггон нысантæ. Æдæппæтæй цалцæггонд æрцæудзысты фæндаггон хызы 2 км. Куыстытæ фæуыдзысты ацы азы кæрон. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, федералон центр баххуыс кæндзæн Беслæны терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон культурон-патриотон центр саразынæн. Ацы хъуыддæгтæн 75 милуаны радих кæныны тыххæй бадзырд бафыста Уæрæсейы Хицауады сæрдар Михаил Мишустин.