филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:26 пятница, 03 мая 2024
22 сентября 2021, 12:25
Беслæны рæзты Генералон пъланы цалдæр пункты сæххæст кæндзысты хæстæгдæр дыууæ азы

Баст сты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады инфраструктурæимæ

Беслæны рæзты Генералон пъланы цалдæр пункты сæххæст кæндзысты хæстæгдæр дыууæ азы. Баст сты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады инфраструктурæимæ. Ууыл ныхас цыд хицауады æрвылкъуырион æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй хаст æрцыд уынаффæ, республикон бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Уымæ гæсгæ, федералон бюджеты фæрцы 21 милуан сомы онг фæфылдæр уыдзæн фæрæзты бæрц. Уыдон схардз кæндзысты Беслæны бындурон цалцæджы объектты рацарæзтыл. Тускъаты Таймураз бабар кодта фæрæзтæм бæстон кæсын æмæ сæ ахадгæйæ хардз кæнын. Уымæй дарддæр ивддзинæдтæ бахастой физкультурæ æмæ спорты рæзты программæмæ 2024-æм азмæ. Ивддзинæдтæ баст сты Сергей Меняйлойы амынддзинæдтимæ. Уыдонмæ гæсгæ рацаразын хъæуы республикæйы физкультурæйы æмæ спорты объекттæ. Æмбырды ма æрныхас кодтой национ проекттæ æмæ паддзахадон программæмæ царды уадзыныл. Стыр æргом аздæхтой, арæзтады рæстæг цы фарстатæ сæвæзæры, уыдонмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania