филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:15 воскресенье, 19 мая 2024
18 апреля 2023, 11:02
Беслæны рацарæзты фæстæ байгом стадион «Пищевик»

Кадджын мадзалы архайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло

Беслæны рацарæзты фæстæ байгом стадион «Пищевик». Кадджын мадзалы архайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Спортивон объектæн ис хъæздыг истори. Сарæзтой йæ 80 азæй фылдæры размæ – натхоры комбинат кусын куы райдыдта, уæд. Стыр цалцæггæнæн куыстытæ дзы никуы кодтой, бирæ азты стадион уыд æнæзылд. Ныр национ проект «Демографи»-мæ гæсгæ спортивон аренæ æххæстæй модернизацигонд æрцыд. Ног уавæрты тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фыцаг цæф кæддæрау ныр кæны футболы ветеран. Символикон пас, эстафетæйы хуызы радта ног фæлтæрмæ.

Стадион «Пищевик» кадджын уавæры байгом кодтой Беслæны. Ацы цаумæ Рахизфарсы районы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Мадзалы архайдта республикæйы сæргълæууæг. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, Беслæны социалон-экономикон райрæзты программæйыл æдзух ныхас цæуы федералон æмвæзадыл. Регионы разамонæг федта спортивон комплекс, аныхас кодта спортсментимæ æмæ сæ тренертимæ.

Æмбаладон матч уайтагъд сарæзтой. Официалон мадзалы фæстæ Рахизфарсы æмæ Кировы районты футболисттæ рацыдысты фæзмæ. Зын бауырнæн у, фæлæ ма 9 мæйы размæ дæр спорткомплексы бынаты уыд æнæзылд стадион. Аренæ йæ бындурæй ногæй аразын бахъуыд. Пайда кодтой нæ бæстæйы конд æрмæджытæй. Подрядчикы ныхæстæм гæсгæ, куыстыты хæрзхъæддзинад зæрдæхсаинаг нæу.

Спортивон комплекс цæттæ у профессионалон турниртæ кæнынæн. Фæзы аразгæ уæлцъар, нырыккон рухс, ног дренажон системæйы фæрцы та къæвдадон не *мбырд кæндзæн. Стадионы скодтой уавæртæ, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн дæр. Ацы спортивон аренæйы истори райдыдта 1934-æм азы. Бирæ рæстæг стадион уыд æнæзылд. Æмæ дзы кæд, æмбæлгæ уавæртæ нæ уыд, уæддæр ацы быдыры сæ арæхстдзинад хуыздæр кодтой цалдæр фæлтæры спортсментæ.

Спортивон традицитæ дарддæр æххæст кæнын, ацы хъуыддагмæ фылдæр сывæллæтты æргом здахын, футболон клуб «Беслан»-ы профессионалон æмвæзад ныр бæрзонддæр кæндзысты хи фæзы. Стадионы спортæй архайынæн æппæт уавæртæ дæр ис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania