филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:52 пятница, 03 мая 2024
04 августа 2023, 11:38
Беслæны, Уæрæсейаг ног Хъизæмаргæнджыты номыл аргъуаны арæзт æрцыд Хуыцауы номыл фыццаг литургия

Аргъуан аразынц 2004-æм азы теракты амæттæгты номыл, Беслæны фыццæгæм скъолайы кæрты

Беслæны, Уæрæсейаг ног Хъизæмаргæнджыты номыл аргъуаны арæзт æрцыд Хуыцауы номыл фыццаг литургия. Аргъуан аразынц 2004-æм азы теракты амæттæгты номыл, Беслæны фыццæгæм скъолайы кæрты. Куыстытæ райдыдтой 2012-æм азы. Уыимæ – нæ бæстæйы æппæт регионты цæрæг зæрдæхæлар адæмы фæрæзтæй. Ныртæккæ ма баззад нывæфтыдтæ кæронмæ скæнын, æмæ найæн бынаты кусæнгæрзтæ сæвæрын. Дзæнгæрджыты фæзуаты дæр цалцæггæнæн куыстытæ фæхæццæ кæнынц кæронмæ. Фыццаг номарæн литургиямæ æрбацыд дæсгай уырнæг адæм. Алы мæйы 3-æм боны дæр ам кувдзысты хуыцаумæ, æмæ ардзысты æдзард хъизæмаргæнджыты рухс ном. Аргъуаны арæзтад кæд фæуыдзæн, уый нырма зын зæгъæн у. Ацы хъуыддаг аразгæ у, хæрзаудæн фæрæзтæ куыд æмбырд кæндзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania