филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:58 суббота, 04 мая 2024
23 апреля 2024, 11:40
Билаонты бинонтæ сарæзтой сфæлдыстадон изæр Алагиры

Архайдтой дзы культурæйы æмæ аивады минæвæрттæ, стæй йæ хæстæджытæ

Тыхджын къухæмдзæгъдимæ йыл æмбæлыдысты нæ бæстæйы хуыздæр театрты. Хуыдтой йæ зындгонд коллективтæм. Йæ хъæлæс та йын схуыдтой сызгъæрин хъæлæсæй.  Фæлæ Билаонты Долорес равдыста йæ иузæрдиондзинад уарзон Ирыстонимæ. Зындгонд зарæггæнæджы номарæн изæр арæзт æрцыд Алагиры. Архайдтой дзы культурæйы æмæ аивады минæвæрттæ, стæй йæ хæстæджытæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстонæдр хабæрттæ.

Азты фæстæ дæр Билаонты Долоресы аритæ азæлыдысты сценæйæ. Цъæхойты Заремæ у зындгонд зарæггæнæджы хæрзхæстæг. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ йæ сабибонтæй фæстæмæ фæндыди йæ нанайы аккаг уæвын.

Цъæхойты Заремæимæ сфæлдыстадон изæры йæ курдиат раргом кодта Дзебойты Георгий. Зарын райдыдта, хæрзгыццыл ма куы уыди, уæд. Кæд æрыгон у, уæддæр ныридæгæн архайдта алыхуызон телевизион æмæ музыкалон проектты. Æмæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавы.

Сфæлдыстадон изæр арæзт æрцыд Алагиры районы культурæйы Хæдзары. Бакуыста йыл Долоресы хо Билаонты-Азымты Элеонорæ. Куыд радзырдта, афтæмæй Долорес кæддæриддæр уарзта йæ бинонты хсæн уæвын. Уый нымадта сæйрагдæрыл. Æмæ ныртæккæ дæр уыцы æгъдауæн бинонты ис стыр нысаниуæг.

Йæ фырт Хайты Ибрагимæн Долорес уыд дæнцæгæн хæссинаг. Кæд æмæ-иу гастрольты арæх уыди, уæддæр-иу архайдта бирæ рæстæг йæ бинонты хсæн æрвитыныл. Ибрагим арæх æрымысы куыд хæларзæрдæ æмæ адæмуарзон уыди Долорес, уый. Бирæ азты педагогæй фæкуыста Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы. Зæрдиагæй архайдта, цæмæй студенттæ цух мацæмæй æййафой, ууыл.

Долорес схъомыл кодта йæ ахуырдзауты цалдæр фæлтæры. Се хсæн Мариинаг театры цæгатирыстойнаг филиалы солист Джиоты Алан. Йæ зæрдыл æрлæууы, сæ номдзыд педагог-иу куыд базыдта алы лыстæг хъуыддæгтæ, уый. Суанг йæ ахуыргæнинаг сихоры хæрд бакодта, æви нæ, уый.

Республикæйы адæмон артист Дауыраты Эдуардæн Билаонты Долорес уыд йæ педагог дæр, æмæ йæ хорз æмбал дæр. Иумæ зарыдысты оперæ “Пиковая дама”-йы сæйраг пратитæ. Йемæ кусгæйæ бæрæг нæ дардта, алы статусты æмæ алы кары кæй уыдысты, уый. Уымæй дарддæр ма алчидæр æнкъардта йæ аудындзинад.

Билаонты Долорес не хсæн нал ис ныр 15 азы бæрц. Оперон примæ йæ уарзон Ирыстонæн ныууагъта хъæздыг бынтæ. Йæ арфæйаг хъуыддаг та ныр дæр цæры йæ курдиатджын фæдонты хъæлæсты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania