филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:02 пятница, 03 мая 2024
19 января 2024, 11:37
Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы программæ куыд æххæстгонд æрцыд, ууыл æрныхас кодтой, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды

Бындурон цалцæджы регионалон Фонды генералон директор Теттаты Рамазан куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд аз республикæйы сцалцæг кодтой 79 бирæфатерон хæдзары

2023-æм азы Цæгат Ирыстоны бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы программæ куыд æххæстгонд æрцыд, æмæ ацы азмæ нысантыл æрныхас кодтой, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Бындурон цалцæджы регионалон Фонды генералон директор Теттаты Рамазан куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд аз республикæйы сцалцæг кодтой 79 бирæфатерон хæдзары. Уыдонæй 36 бæстыхайы уыдысты пъланмæ гæсгæ. Иннæ объекттæ та хаст æрцыдысты 2021-æм-22-æм азты хыгъдæй. Ацы аз бындурон цалцæг скæндзысты 60 бирæфатерон хæдзары, баивдзысты лифтытæ. Бындурон цалцæджы Фондæн бабар кодтой программæ æххæстæй царды рауадзын. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй ацы мадзæлттæ сты тынг актуалон, уымæ гæсгæ кусын хъæуы ахадгæйæ. Уæлдай æргом аздахын хъæуы фиддонты дисциплинæмæ. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, та йæ хъæуы фæхуыздæр кæнын. Премьер бабар кодта республикæйы цæрджытимæ æмбарынгæнæн куыст кæнын. Æмбырды ма æрныхас кодтой бирæфатерон хæдзæрттæн лæггад кæныныл æмæ разамынддæттæг компаниты архайдыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania