филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:40 воскресенье, 19 мая 2024
28 июля 2020, 12:08
Битарты Вячеслав æмæ Дыгуры районы сæргълæууæг Езеты Алан кусæг фембæлды æрдзырдтой, районы национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Республикæйы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, куыстытæ хъуамæ конд æрцæуой афойнадыл æмæ хæрзхъæддзинады домæнтæ æххæст кæнгæйæ

Битарты Вячеслав æмæ Дыгуры районы сæргълæууæг Езеты Алан кусæг фембæлды æрдзырдтой, районы национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Республикæйы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, куыстытæ хъуамæ конд æрцæуой афойнадыл æмæ хæрзхъæддзинады домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты национ проекты фæрцы сцалцæг кодтой, Дигорайы алывæрсты цы фæндаг цæуы, уый уаццаг. Йæ фæзуат у цыппар километрæй фылдæр. Йæ радмæ æнхъæлмæ кæсы фæндаджы иннæ хай, йæ фæзуат æртæ километры æмæ æрдæг, ахæм. Фембæлды архайджытæ æркастысты уыцы фæндаджы уаддзаг национ проектмæ бахæссыны фарстатæм. Цæрæнуат æмæ горæты тыгъдады национ проекты фæрцы районы саив кæндзысты цыппар æхсæнадон бынаты Дур-Дуры, Къора-Урсдоны, Хъарман-Сындзыхъæуы æмæ Николаевскæйы станицæйы. Хъæуы цæрджытæн фæзындзысты хæрзвадат уавæртæ сæ фæллад уадзынмæ. Битарты Вячеслав районы разамындæн бабар кодта, цæмæй дарддæр архайой коронавирусы инфекци парахат кæнын ма уадзын. Уыимæ сæм фæсидтис, цæмæй æххæст кæной санитарон æдасдзинады домæнтæ. Езеты Алан куыд радзырдта, афтæмæй, коронавирус парахат кæнын куы райдыдта, уæд Дыгуры районы арæзт æрцыд Оперативон штаб. æппæт æмбæлгæ мадзæлттæ æххæст кæнынц, куыд æмбæлы, афтæ. Бынæттон администраци маскæтæй æмæ дезинфекцион фæрæзтæй æххæст кæны се ппæты дæр. Уымæй дарддæр районы бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæн кæнынц социалон æххуыс. Йе вæрæн бахæссы районы бизнес-æхсæнад дæр. Ныхас ма цыд дондзæуæн системæйы рацарæзтыл æмæ Дигорайы сыгъдæггæнæнты арæзтадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania