филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:53 воскресенье, 19 мая 2024
29 июля 2020, 12:18
Битарты Вячеслав æрдзырдта Мæздæджы районы сæргълæууæг Гугиты Генадимæ

Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй зæхкусджытæ фæстауæрц кæнгæйæ тæссаг уавæртæ аразынц хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæн

Зынгсирвæзтыты ныхæмæ Мæздæджы районы саразын æппæт мадзæлттæ æмæ Ново-Георгиевскы хъæуы арт кæй хæдзæрттæм бахæццæ, уыдонæн алывæрсыг æххуыс бакæнын. Ахæм хæслæвæрдтæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав радта Мæздæджы районы сæргълæууæг Гугиты Генадийæн сæ кусæг фембæлды рæстæг.

Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй зæхкусджытæ фæстауæрц кæнгæйæ тæссаг уавæртæ аразынц хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæн. Афтæ 4 бинонтæн сæ исбон æмæ фос арты хай баисты. Æнæмæнг сбæрæг кæнын хъæуы аххосджынты æмæ хъыгдард чи баййæфта, уыцы бинонтæн сæ хæрдзтæ сæхгæнын. Мæздæджы районы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй зынгсирвæстæй тæссаг уавæр абон дæр у. Уымæн йæ аххосæгтæй иу – районы уæлдæфы температурæ 40 градусмæ кæй схæццæ вæййы, уый. Зæхх чи басыгъта, уыцы амалхъом адæмы фарстатæ та æвзарынц прокуратурæ æмæ мидхъуыддæгты министрад.

Фембæлды рæстæг ма ныхас цыд коронавирусы инфекци парахат кæнын ма бауадзыныл. Республикæйы сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, кæд домæнтæ фæлæмæгъдæр сты, уæддæр æхсæнадон бынæтты дарын хъæуы хи хъахъхъæныны фæрæзтæ. 21-æм июлæй фæстæмæ байгом сты æппæт рæвдауæндæттæ, 1-æм сентябрæй та æрвылбоны фæткмæ раздæхдзысты скъолатæ дæр. Уымæ гæсгæ цæстдарын хъæудзæн фæлхасадон цæдисы домæнтæм, цæмæй ахуыргæнæндæтты ацы низ ногæй ма апарахат уа, загъта Битарты Вячеслав. Кусæг фембæлды рæстæг ныхас цыд Мæздæджы центрон рынчындоны фæзуатыл 45 бынатæн  арæндоны арæзтадыл, стæй районы чъизидæтты сыгъдæггæгæндæтты рацарæзтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania