филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:04 воскресенье, 19 мая 2024
30 июля 2020, 13:57
Битарты Вячеслав æрдзырдта туризмы комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбегимæ

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ацы къабаз райрæзын кæнынæн хъæуы бахъахъхъæнын æмæ ма ноджыдæр фæфылдæр кæнын туристты нымæц

Туристтæн хæрзхъæд æмæ æдас уавæртæ аразыныл, ног туристон маршрутты проекттыл, инфраструктурæйыл кусын, стæй республикæйы культурон æмæ æрдзон хæзнатæ парахат кæнын. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыди, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ туризмы комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбегæн цы кусæг фембæлд уыди, уым. Архайдтой дзы æндæр бæрнон кусджытæ дæр. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ацы къабаз райрæзын кæнынæн хъæуы бахъахъхъæнын æмæ ма ноджыдæр фæфылдæр кæнын туристты нымæц. Профилон комитеты разамонæг бавдыста «фæндаггон картæ»-йы тыххæй цыбыр информаци. Программæйы фæлгæты республикæйы снысан кодтой 8 маршруты. Æппæтæй ахадгæдæр дзы у Дзæуджыхъæуæй Куырттаты коммæ, Дæргъæвс æмæ Хъæрмæдонмæ фæндаг. Ам раздæрау ахсджиаг сты, инфраструктурæйы æмæ фысымуæтты  фарстатæ. Республикæйы районты туристон бынæтты æвæрд æрцыди 36 информацион фæйнæджы, амынд дзы ис туристы цы информаци хъæуы, уый иууылдæр.

Уымæй уæлдай, бакуыстой арт-объектты эскизтыл, 3 дзы ныридæгæн сты æвæрд. Августы кæронмæ ма дзы фæзындзæни ноджыдæр 7. Абоны бонмæ фысымуæттæ иууылдæр сты дзаг, уыимæ сæ адæм исынц цалдæр мæйы размæ. Æхсызгон уый у, æмæ нæ республикæмæ цымыдисдзинад æвзæры куыд Уæрæсейы дæрддзæф горæтты , афтæ сыхаг регионты цæрджытæм дæр. Цæуынц æнæхъæн къордтæй, æмæ æрбынат кæнынц фысымуæтты. Фарон туристты нымæц уыди 250 мин адæймагмæ хæстæг. Туристон къабаз у хорз фæрæз уæлæмхасæн куысты бынæттæ гом кæнынæн. Нæ регионы хъуамæ алы уазæг дæр йæхи æнкъара иттæг хорз, æмбæлгæ æмвæзадыл хъуамæ уа йæ лæггæдты хæрзхъæддзинад. Абон, арæнтæ æхгæд кæй сты, уымæй хъæуы ахадгæйæ спайда кæнынц, цæмæй хорзырдæм фæзына бынæттон туризмыл. Нæ хæс у, уазджытæн алы уавæртæ аразын, цæмæй сæ иннæ хатт дæр фæнда æрбаздæхын нæ республикæмæ. Ам ахсджиаг у фæндаггон сервисмæ цæст æрдарын, загътой æмбырды архайджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania