филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 понедельник, 06 мая 2024
02 марта 2021, 13:58
Битарты Вячеслав æрныхас кодта национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кæныныл

Цæгат Ирыстоны территорийы социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектты арæзтад, рацарæзт æмæ цалцæг хъуамæ цæуа æдасдзинады æппæт домæнтæ хынцгæйæ

Цæгат Ирыстоны территорийы социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектты арæзтад, рацарæзт æмæ цалцæг хъуамæ цæуа æдасдзинады æппæт домæнтæ хынцгæйæ. Ахæм хæс республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæвæрдта, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кæныны республикон штабы æмбырды. Архайдтой дзы хицауады уæнгтæ æмæ нымайæн-цæстдарæн оргæнты разамонджытæ стæй муниципалон скондты сæргълæуджытæ. Стыр æргом аздæхтой 2021-æм – 2022-æм азты фæндаггон картæйы ног объектты арæзтадмæ. Бæстон доклад скодта арæзтады æмæ архитектруæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ сæйрагдæр æргом аздахын хъæуы республикæйы социалон рæзты объекттæм. Фыццаджыдæр сты фельдшерон-акушерон пункттæ, рынчындæттæ, скъолатæ, рæвдауæндæттæ, цæрæн хæдзæрттæ, дондзæуæн æмæ канализацион хызтæ. Фæндаггон картæтыл хъуамæ бæстон кусой æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты æппæт разамонджытæ дæр, загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг. Уымæй дарддæр бæрнон кусджытæй бадомдта, цæмæй 2022-æм азæн проектон-сметон документаци цæттæгæнæн куыст цæуа æмгъуыдæй раздæр. Ныртæккæ арæзтады æмæ архитектурæйы Министрады гæххæттытæ цæттæ кæнынц 19 объекттæн. Сбæрæг ис, документтæ экспертизæмæ бадæттыны мгъуыд дæр. Æмбырды кæронбæттæны Битарты Вячеслав ма йе мкусджыты ргом иу хатт аздæхта, цæмæй бæрнондæр цæстæй кæсой национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадзыны фарстатæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania