филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:12 понедельник, 06 мая 2024
03 марта 2021, 13:03
Битарты Вячеслав фембæлд 58-æм æфсады командæгæнæг Михаил Зуськоимæ

Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй республикæйы хицауад нымайы æнæмæнгыл æфсадимæ социалон къабазы æмæ фæсивæды патриотон хъомылдады æмгуыстад кæнын

Республикæйы къаддæр кæны æфсæддонты сывæллæтты рæвдауæндæттæм рад. Ацы къабазы куыст куыд цæуы, ууыл Битарты Вячеслав æрныхас кодта 58-æм æфсады командæгæнæг Михаил Зуськоимæ. Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй республикæйы хицауад нымайы æнæмæнгыл æфсадимæ социалон къабазы æмæ фæсивæды патриотон хъомылдады æмгуыстад кæнын. Кусæг фембæлды ма ныхас цыди Уæлахизы 76 азы æмæ æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум «Армия-2021» сбæрæг кæныныл. Уымæй уæлдай, Михаил Зусько Битарты Вячеславæн радзырдта, республикæйы территорийы арæх цы æфсæддон ахуыртæ фæаразынц, уыдоны тыххæй. Бузныг ын загъта йе ххуысы тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania