филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:39 суббота, 18 мая 2024
20 января 2021, 13:06
Битарты Вячеслав фембæлд æрдзон ресурсты æмæ экологийы министры хæстæ æххæстгæнæг Хидирты Батразимæ

Республикæйы санитарон-экологон уавæр, хъæдтæ сног кæныны фарста, доны хæдзарад æмæ национ проекттæ – ацы фарстатыл ныхас цыд

Республикæйы санитарон-экологон уавæр, хъæдтæ сног кæныны фарста, доны хæдзарад æмæ национ проекттæ – ацы фарстатыл ныхас цыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег æмæ Цæгат Ирыстоны æрдзон ресурсты æмæ экологийы министры хæстæ æххæстгæнæг Хидирты Батразы хсæн. Битарты Вячеслав йе ргом аздæхта, цæмæй адæмы цардæн арæзт æрцæой хорз фадæттæ, уыимæ  бахъахъхъæнын æрдзы сконд, йæ алæмæты рæсугъддзинад. Ахсджиаг у рæзгæ фæлтæры ацы фарстамæ гæсгæ  хъомыл кæнын.

Хидирты Батраз куыд радзырдта, афтæмæй  Хицауады размæ рахæсдзæн хъæппæрис, цæмæй уалдзæг æмæ фæззæджы республикæйы районты саразой сыгъдæгдзинады æмæ цъæх фæлысты мæйон.

Экологон фарстатæ царды рауадзынæн æххуыс уыдзæн национ проект «Экологи» дæр. Йæ фæлгæты министрад бацархайдзæн Дзæуджыхъæуы бырондон ссыгъдæг кæнын. Нысан кæнынц Бехъаны цадмæ дæр базилын. Ссыгъдæг кæнын Урсдоны, Хайдоны былгæрæттæ. Сбæрæг кæндзысты, республикæйы цæугæдæттæ раивылынæй тæссаг цы бынæтты сты, уый дæр.

Фембæлды рæстæг Хидирты Батраз радзырдта ивгъуыд аз минситрад цы куыст бакодта, уый тыххæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania