филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:14 пятница, 17 мая 2024
20 января 2020, 12:28
Битарты Вячеслав фембæлд Къомайты Русланимæ федтой планетарийы рацарæзтыл куыст куыд цæуы, уый

Объект рæхджы хъуамæ кусын райдайа.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд наукон-арæзтадон иугонды сæйраг специалист Къомайты Русланимæ федтой планетарийы рацарæзтыл куыст куыд цæуы, уый. Уый у проект – косманавтикæйы скъолайы егъау хай. Объект  рæхджы хъуамæ кусын райдайа. Планетарий канд астрономон зонындзинæдтæ исыны центр нæ уыдзæн, фæлæ ма Цæгат Ирыстоны ахсджиаг ахуырадон æмæ культурон-рухстауæн проект. Ахуырдзаутæн  космосы сусæгдзинæдтæ сæ бон зонæн уыдзæн нырыккон кусæн гæрзты фæрцы.  Ис дзы  дыууæ  проекторы, кæцытæ æвдисдзысты стъалыджын арвы стыр ныв, стæй дзы бакæсæн уыдзæн космосы темæимæ баст кинонывтæ, сæрмагонд тренажеры фæрцы та базонæн уыдзæн адæймаджы   вестибулярнон аппараты уавæр. Планетарийы сæрыл дæр куыст æрцыд . Арæзт дзы æрцыд фæлладуадзæн зонæ . Ис дзы гранитæй конд шартæ – базонæн  дзы ис хурхæтæн системæйы планетæтæ  динамикон скульптуратимæ æмæ хуры хъармæй чи кусы ахæм сахатимæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ сывæллæттæн ахæм дыккаг космосон центр Уæрæсейы кæй нæй.  Канд республикæйы сывæллæтты бон дзы нæ уыдзæн  ахуыр кæнын, фæлæ ма æппæт Цæгат Кавказы сабитæ дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Дзæуджыхъæуы уникалон бæстыхай  арæзт æрцыд  19 æнусы 70-æм азты.  Стæй ма бæрæг куыд у , афтæмæй дзы раздæр уыд шииттаг мæзджыт . Нымад у культурон æмæ архитнктурон цыртдзæвæныл.  Советон рæстæджы дзы мæзджыты бæсты байгом кодтой  планетарий. 1992 азæй та бæстыхат уыд æхгæд. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania